Ӕвдӕм бон Хуыцау ахицӕн кодта Йӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр, ӕмӕ ӕвдӕм бон ӕрӕнцад Йӕ ӕппӕт хъуыддӕгтӕй.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, денджыз, ӕмӕ денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ; ӕвдӕм бон та Йӕ фӕллад уагъта. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау арфӕ бафтыдта сабатыл ӕмӕ йӕ скодта бӕрӕг бон.