Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта фарны уац хъусын кӕнын: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад». Уыцы цауты тыххӕй нын радзырдтой, тӕккӕ райдианӕй сӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕммӕ хӕссыны куыст кӕмӕ ӕрхауд, уыдон. Хуыцау бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты рагӕй-ӕрӕгмӕ нӕ фыдӕлтимӕ ныхас кодта пехуымпарты дзыхӕй. Уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ хорзӕх дӕттӕджы Уды чи фауы, уый? Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕ цы сгӕрстой, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн.
Выбор основного перевода