Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Байсдзӕни нӕ знӕгты къухӕй, зӕгъгӕ, Цы Удӕй схайджын стут, уый ахӕм нӕу, ӕмӕ цагъартӕ уат ӕмӕ та ногӕй тасы цӕрат. Сымах схайджын стут, Хуыцауы хъӕбултӕ Кӕй руаджы систӕм, ахӕм Удӕй, ӕмӕ Йӕ фӕрцы хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъӕм: «Аввӕ, нӕ Фыд!» Ноджы ма уын зӕгъын: бындар цалынмӕ саби уа, уӕдмӕ цагъарӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, кӕд ӕппӕты хицау у, уӕддӕр. Фыд кӕй снысан кодта, уыцы афонмӕ уый у йӕ хъомылгӕнджыты ӕмӕ хӕдзармӕ цӕстдарджыты дӕлбар. Афтӕ мах дӕр: цалынмӕ сабитӕ уыдыстӕм, уӕдмӕ ацы дунейы ӕгъдӕутты цагъартӕ уыдыстӕм. Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты, Ӕгъдауы дӕлбар чи у, уыдоны суӕгъд кӕнынмӕ, цӕмӕй нӕ Хуыцау Йӕхицӕн сараза хъӕбултӕ. Уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау цы Удӕй бахай кодта, уый нын тӕппуды хос нӕу, фӕлӕ нын дӕтты тых, уарзт ӕмӕ раст зонд. Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн.
Выбор основного перевода