Уӕдӕ Хуыцауы фӕлладуадзӕнмӕ бацӕуыны тыххӕй зӕрдӕвӕрд цалынмӕ йӕ тыхы ис, уӕдмӕ тӕрсӕм, цӕмӕй сымахӕй уыцы фӕлладуадзӕнӕй ӕнӕхай мачи фӕуа.
Уымӕн ӕмӕ фарны уац уыдон куыд фехъуыстой, мах дӕр ӕй афтӕ фехъуыстам. Фӕлӕ цы ныхас фехъуыстой, уый сын пайда не 'рхаста, уымӕн ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты.