Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Бацу фараонмӕ; Ӕз ыл бафтыдтон хивӕнд йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтыл дӕр, цӕмӕй сыл равдисон Мӕ диссӕгтӕ. Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста цардӕгас ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ ӕрхӕсса махмӕ. Ӕгъдау райстат зӕдты фӕрцы, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодтат». Уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр бафтыдысты тӕригъӕды ӕмӕ Хуыцауы намысӕй ӕнӕхай сты, Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы.
Выбор основного перевода