25
Кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕбайхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не 'ргом куы аздахӕм, уӕд.
Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не 'рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм.
Уӕдӕ цы фехъуыстам, уымӕ хъуамӕ здахӕм уӕлдай ӕргом, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уӕм.
Зӕдты фӕрцы загъд цы ныхас ӕрцыд, уымӕн ӕнӕххӕстгӕнгӕ куы нӕ уыд, ӕмӕ-иу Ӕгъдау фехалыны ӕмӕ коммӕ нӕ бакӕсыны тыххӕй адӕймаг алкӕддӕр аккаг ӕфхӕрд куы баййӕфта,
Уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинадыл ӕнувыд куы нӕ уӕм, уӕд? Ацы ирвӕзындзинады тыххӕй фыццаг дзырдта Хицау, ӕмӕ йыл мах фидарӕй баууӕндын кодтой, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон.
Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы кувӕндоны – Моисей Сыгъдӕг Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын куыд равдыстӕуыд, уымӕ гӕсгӕ».