Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв ныннӕрыд, цӕхӕртӕ акалдта, хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ, ӕмӕ райхъуыст сыкъауадындзы тыхджын уаст. Асадӕны цы адӕм уыд, уыдон сеппӕт дӕр фыртӕссӕй барызтысты. Асадӕнӕй Моисей адӕмы рахуыдта Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ; адӕм ӕрлӕууыдысты хохы рӕбын. Синайы хохӕй та калди фӕздӕг, уымӕн ӕмӕ йӕм Дунедарӕг ӕрхызт арты; йӕ фӕздӕг къуыбылӕйттӕй, пецӕй кӕлӕгау, цыди хӕрдмӕ, ӕмӕ хох ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕнкъуысти. Сыкъауадындз уасыди тынгӕйтынгдӕр. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау дзуапп лӕвӕрдта, – Моисей йын хъуыста Йӕ хъӕлӕс. Хуыцау ӕрхызти Синайы хохы сӕрмӕ, басидти Моисеймӕ, ӕмӕ Моисей ссыди хохы сӕрмӕ. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныххиз ӕмӕ адӕмӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Дунедарӕджы феныны охыл ма фӕлтӕрой хохы сӕрты ӕрбахизыныл, науӕд дзы бирӕтӕ амӕлдзысты. Дунедарӕгӕн иудадзыг цы сауджынтӕ лӕггад кӕнынц, суанг уыдон дӕр ссыгъдӕг кӕнӕнт сӕхи, Дунедарӕг сӕ куыд нӕ фӕцӕгъда, афтӕ».
Выбор основного перевода