Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Исаак Иаковыл куыддӕр йӕ арфӕ бафтыдта ӕмӕ Иаков йӕ фыд Исаакӕй рацыд, афтӕ йе 'фсымӕр Исав ӕрбаздӕхти цуанӕй. Исав дӕр сфыхта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдӕн ӕй бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ бахӕр, дӕ фырт кӕй самал кодта, уыцы хъӕддаг сырды фыдӕй, ӕмӕ мыл дӕ арфӕ бафтау». Йӕ фыд Исаак ӕй бафарста: «Ды чи дӕ?» Исав ын дзуапп радта: «Ӕз дӕ фырт дӕн, дӕ хистӕр фырт Исав». Исаак фыртыхстӕй ныррызт ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ хъӕддаг сырды фыд чи самал кодта ӕмӕ мын дзы чи 'рбахаста? Ӕз ын бахордтон йеппӕт хӕринагӕй де 'рбацыды хӕдразмӕ, мӕ арфӕ йыл бафтыдтон, арфӕгонд уый уыдзӕн». Исав йӕ фыды ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд фырмӕстӕй хъӕлӕсыдзаг ныхъхъӕр ласта, ӕмӕ йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ фыд, бафтау мӕныл дӕр дӕ арфӕ!» Фӕлӕ Исаак загъта: «Уый мӕм де 'фсымӕр ӕрбацыд, асайдта мӕ, ӕмӕ дын дӕ арфӕ байста». Исав загъта: «Уӕдӕ йӕ ном Иаков дзӕгъӕлы у? Дыууӕ хатты мыл рацыди хинӕй: байста мын, хистӕр фырт кӕй дӕн, мӕ уыцы бартӕ; ныр та мын мӕ арфӕ байста». Исав бафарста: «Ау, мӕнӕн дӕм арфӕ нал баззад?» Исаак ын дзуапп радта: «Ӕз ӕй дӕуӕн сӕвӕрдтон ӕлдарӕй, ӕмӕ йын йеппӕт ӕфсымӕрты радтон цагъартӕй; ӕфсӕст уыдзӕни хорӕй ӕмӕ сӕнӕй. Дӕуӕн ма та цы саразон, мӕ фырт?» Исав загъта йӕ фыдӕн: «Ау, мӕ фыд, дӕумӕ ӕрмӕст иунӕг арфӕ ис? Дӕ арфӕ бафтау мӕныл дӕр, мӕ фыд!» Исав хъӕлӕсыдзаг скуыдта. Йӕ фыд Исаак ын дзуапп радта: «Дӕрддзӕф цӕрдзынӕ бӕркадджын зӕххӕй ӕмӕ уӕларвон ӕртӕхӕй. Дӕ цард араздзынӕ дӕ цирхъӕй, де 'фсымӕрӕн уыдзынӕ дӕлбар. Фӕлӕ иуафон сыстдзынӕ, ӕмӕ йын йе 'фсондз раппардзынӕ дӕ бӕрзӕйӕ».
Выбор основного перевода