1
Уӕдӕ йӕ уырнындзинад чи равдыста, ахӕм ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уыйас бирӕ кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,
Уӕдӕ мын ахӕм ӕгъдау раргом: хорз кӕнын мӕ куы бафӕнды, уӕд мӕ бон вӕййы ӕрмӕстдӕр ӕвзӕр кӕнын.
Згъорӕн фӕзы сеппӕт дӕр фезгъорынц, фӕлӕ хӕрзиуӕг иу адӕймагмӕ кӕй ӕрхауы, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ згъоргӕут, ӕмӕ райсат хӕрзиуӕг.
Ерысты архайджытӕ хиуылхӕцгӕ сты алцӕмӕй дӕр. Уыдонӕн сӕ нысан у, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм хӕрзиуӕг райсын; махӕн та нӕ нысан у мыггагмӕйы хӕрзиуӕг райсын.
Уымӕ гӕсгӕ ӕз не згъорын, бӕлвырд нысан кӕмӕн нӕй, уыйау; уӕлдӕф тымбылкъухӕй цӕвӕгау нӕу мӕ цӕф.
Хъизӕмарӕй марын мӕ буар, аразын дзы цагъар, цӕмӕй ма разынон, иннӕтӕм фарны уац чи ӕрхаста, афтӕмӕй фӕлварӕнтӕ раттын кӕй бон нӕ баци, ахӕм.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд ӕмӕ нын Хуыцау уыдӕттӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уӕд бавдӕлӕм ӕмӕ, буар ӕмӕ уд цӕмӕй фӕчъизи вӕййынц, уымӕй, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ, ссыгъдӕг кӕнӕм нӕхи, алцӕмӕй дӕр Йӕ адӕм куыд суӕм, афтӕ.
Бафӕразын уӕ хъӕуы, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кӕнат Хуыцауы фӕндон ӕмӕ райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый.