Хуыцау загъта: «Уый цы бакуыстай? Де 'фсымӕры туг Мӕм дзыназы зӕххӕй – йӕ хъаст хӕссы Мӕнмӕ.
Моисей райста тугӕй, бапырх дзы кодта адӕмыл ӕмӕ загъта: «Ацы тугӕй фидаргонд цӕуы, Йеппӕт ӕгъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, уый тыххӕй Дунедарӕг цы фидыд сарӕзта, уый».
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут; дзаг цӕмӕй сты, уый та уӕ къухы бафтыд, кӕрӕф ӕмӕ ӕнӕфсис кӕй стут, уый руаджы.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ӕхсӕн дӕр иу Ӕхсӕнылӕг ис – Адӕймаг Йесо Чырысти.
Афтӕмӕй Йесо сси хуыздӕр фидыдӕн йӕ цӕджындз.
Фӕлӕ Йесо цы Алчеры куыст райста, уый уыдоны куыстӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр фидыды Ӕхсӕнылӕг у ӕмӕ уыцы фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрдыл ӕнцой кӕны.