Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Моисей райста тугӕй, бапырх дзы кодта адӕмыл ӕмӕ загъта: «Ацы тугӕй фидаргонд цӕуы, Йеппӕт ӕгъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, уый тыххӕй Дунедарӕг цы фидыд сарӕзта, уый». Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: алы тӕригъӕд ӕмӕ фауын адӕмӕн уыдзысты хатыргонд, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды фауын хатыргонд нӕ уыдзӕн. Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ӕрцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн, цымӕ?» Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон хъӕздыгдзинадӕй мах райстам хорзӕх хорзӕхы фӕдыл. Уеппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Кӕй равзӕрстон, Ӕз уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ кӕрдзын чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ". Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у, Мӕ Тугӕй фидаргонд чи цӕуы, уыцы ног фидыд. Кӕдфӕнды дӕр дзы ма нуазат – уый кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн». Хицауы Буарӕн аргъ чи нӕ кӕны, афтӕмӕй чи хӕры ӕмӕ нуазы, уымӕн уыцы дзул ӕмӕ сӕн уыдзысты тӕрхонӕн.
Выбор основного перевода