Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад. Уымӕн ӕмӕ иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын, Хуыцауы ныхас куыд арфӕйаг у, уый чи базыдта, фидӕны дунейы цы тых ӕвдыст ӕрцӕудзӕн, уый чи банкъардта, Ӕмӕ уый фӕстӕ уырнындзинад чи ныууагъта, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фырты ногӕй сӕ зӕрдӕты байтындзынц дзуарыл ӕмӕ Йӕ ӕгад кӕнынц. Бирӕ къӕвдатӕй ӕфсӕст ӕмӕ йӕм чи зилы, уыдонӕн цардыхосы зайӕгхал дӕттӕг зӕхх арфӕгонд вӕййы Хуыцауӕй; Сындз ӕмӕ пыхсы бын чи фӕвӕййы, уыцы зӕхх та ницӕмӕн бӕззы ӕмӕ у ӕлгъыстӕввонг, ӕппынфӕстаг арты амӕддаг бауыдзӕн.
Выбор основного перевода