Ӕмӕ семӕ сараздзынӕн ацы фидыд, сӕ тӕригъӕдтӕ сын куы скуынӕг кӕнон, уӕд».
Фӕлӕ сын Хуыцау уайдзӕф кӕны: «Мӕнӕ ралӕудзӕн рӕстӕг, зӕгъы Хуыцау, ӕмӕ Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ Ӕз сараздзынӕн ног фидыд.
Мӕнӕ, зӕгъы Хуыцау, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме 'гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.