Ӕмӕ Кувӕндоны мидӕг ӕмбӕрзӕн дыууӕ дихы фӕци уӕлейӕ бынмӕ. Зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ ныскъуыдтӕ сты.
Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон.
Ӕмӕ Йӕхӕдӕг фӕлварӕнтӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ Йӕ бон у, фӕлварӕнты чи бахауы, уыдонӕн баххуыс кӕнын.
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ хивӕнд зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.