Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Авел дӕр йӕ дзуджы фыццаг цӕуӕты хӕрзхаст уӕрыччытӕй ӕмӕ сӕ фиуӕй ӕрхаста нывонд. Авел ӕмӕ йӕ нывонд Хуыцауӕн фӕндон уыдысты, Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи Дӕуӕн дӕттын нывондӕн, уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу куыд бауой, афтӕ. Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау. Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу; ӕрвылбон Ӕй фыццаг Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывондтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд. Сӕгъты ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ Чырысти бацыд Иууылсыгъдӕгмӕ, ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.
Выбор основного перевода