Нывондхӕссӕн сӕвӕр, фидыды Чырын кӕй фӕстӕ ис, уыцы ӕмбӕрзӕны раз, йӕ акомкоммӕ. Уымиу фембӕлдзынӕн демӕ.
Аарон алы райсом дӕр цырӕгътӕ куы цӕттӕ кӕна, уӕд хъуамӕ уыцы нывондхӕссӕныл судза хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
Цатырмӕ бацӕуӕныл ӕрцауындзынӕн нывӕфтыдтимӕ ӕмбӕрзӕн бауафтой ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй.