Сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй ӕрвылбон нывондӕн хӕсс уӕныг; уыцы нывондтӕй ссыгъдӕг кӕн нывондхӕссӕн, ӕмӕ цӕмӕй ссыгъдӕг уа, уый тыххӕй йӕ байсӕрд зетийӕ.
Нывондхӕссӕн сыгъдӕг кӕн авд боны дӕргъы; снывонд ӕй кӕн Хуыцауӕн, ӕмӕ суыдзӕн иууылсыгъдӕг нывондхӕссӕн. Нывондхӕссӕныл цыдӕриддӕр андзӕва, уый уыдзӕни Хуыцауӕн лӕвӕрд.
Нывондхӕссӕн иууылсудзинаг нывондтӕн йеппӕт мигӕнӕнтимӕ, хихсӕн ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн.