Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй; ӕмбӕрзӕныл херувимтӕ хъуамӕ уой нывӕфтыдӕй. Ӕмӕ йӕ ӕрцауындз сыгъзӕриндоны тылд цыппар акъаци цӕджындзыл. Цӕджындзтыл хъуамӕ уа сыгъзӕрин къӕпсыртӕ, сӕ быны – ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ. Ӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл, ӕмӕ фӕсӕмбӕрзӕнмӕ бахӕсс фидыды Чырын. Ӕмбӕрзӕн сыгъдӕг бынат фӕхицӕн кӕндзӕн Иууылсыгъдӕг бынатӕй. Ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй сарӕзтой ӕмбӕрзӕн, ӕмӕ йыл бауафтой херувимтӕ. Фидыды Чырын бахаста Цатырмӕ, ӕрцауыгъта ӕмбӕрзӕн, ӕмӕ Чырын нал зынди ӕмбӕрзӕнӕй, Моисейӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Моисей фынг сӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры цӕгат фарс, ӕмбӕрзӕны ӕдде. Хуыцауы раз фынгыл дзултӕ равӕрдта рӕнхъӕй, Моисейӕн Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Фембӕлды Цатыры хуссар фарс, фынджы акомкоммӕ, сӕвӕрдта рухсгӕнӕн. Цырӕгътӕ сӕвӕрдта рухсгӕнӕныл Дунедарӕджы раз, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Стӕй Фембӕлды Цатыры, ӕмбӕрзӕны раз, сӕвӕрдта сыгъзӕрин нывондхӕссӕн, Ӕмӕ йыл ссыгъта хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, Хуыцау Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Уый фӕстӕ Моисей Цатырмӕ бацӕуӕны ӕрцауыгъта ӕмбӕрзӕн. Иууылсудзинаг нывондты нывондхӕссӕн сӕвӕрдта Фембӕлды Цатырмӕ бацӕуӕны, ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ хойраджы нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Хихсӕн ӕрӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕхсӕн, ӕмӕ дзы ныккодта дон хи цӕхсынӕн.
Выбор основного перевода