Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Нывондхӕссӕныл нывондӕн хӕсдзынӕ: дыууӕ далысы ӕрвылбон ӕмӕ иудадзыг. Иу далыс нывондӕн ӕрхӕсс райсомӕй, иннӕ далысы та – изӕргӕрӕтты, Фыццаг далысимӕ нывондӕн ӕрхӕсс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефайы дӕсӕймаг хай лӕмӕрст зетийы гины цыппӕрӕймаг хайимӕ хӕццӕйӕ ӕмӕ сӕны гины цыппӕрӕймаг хай. Дыккаг далысы та нывондӕн ӕрхӕсс изӕргӕрӕтты, райсомӕй цы ссады ӕмӕ сӕны лӕвӕрттӕ ӕрхастӕуыд, уыдонимӕ – Дунедарӕгӕн ӕхцон ӕмӕ хӕрздӕф нывондтӕн. Уыцы нывондтӕ хъуамӕ судзай ӕрвылбон ӕмӕ иудадзыг Фембӕлды Цатыры дуары цур, Хуыцауы раз. Уым Ӕз ӕмбӕлдзынӕн сымахимӕ, ӕмӕ дзурдзынӕн демӕ.
Выбор основного перевода