Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисей ӕппӕт израилаг адӕмӕн загъта: «Хуыцау уын мӕнӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „ Хӕрзарӕхст чидӕриддӕр у, уый ӕрцӕуӕд ӕмӕ саразӕд, Дунедарӕг цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ: Цатыр ӕмӕ йӕ сӕр ӕддаг ӕмбӕрзӕнимӕ, йӕ къӕпсыртӕ, цыппӕрдигъон цӕджындзтӕ, хъилтӕ, тымбыл цӕджындзтӕ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ; Фидыды Чырын, йӕ хъилтӕ, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ бацӕуӕны ӕмбӕрзӕн, Фынг, йӕ хъилтӕ ӕмӕ йеппӕт дзаумӕттӕ, нывондаг дзултӕ; Рухсгӕнӕн йеппӕт дзаумӕттимӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ зети рухсгӕнӕнӕн; Будсудзӕн нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ хъилтӕ, сӕрдӕн зети, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ будӕн, ӕмбӕрзӕн Цатырмӕ бацӕуӕнӕн; Иууылсудзинаг нывондты нывондхӕссӕн ӕмӕ йын ӕрхуы хыз, йӕ хъилтӕ, йеппӕт дзаумӕттӕ, хихсӕн ӕмӕ йӕ бынӕвӕрӕн; Ӕмбӕрзӕнтӕ кӕртӕн, йӕ цӕджындзтӕ ӕмӕ сӕ бынӕвӕрӕнтӕ, ӕмбӕрзӕн кӕртмӕ бацӕуӕнӕн; Цатырӕн ӕмӕ кӕртӕн михтӕ ӕмӕ сӕ бӕттӕнтӕ; Иударон ӕмӕ сӕрмагонд дарӕс кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн, ӕмӕ сыгъдӕг дарӕс сауджын Ааронӕн, ӕмӕ дарӕс йӕ фырттӕн Цатыры лӕггад кӕнынӕн“».
Выбор основного перевода