Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Де 'фсымӕр Ааронӕн бахуый сауджыны сӕрмагонд дарӕс, цӕмӕй йӕ нымайой ӕмӕ цӕсты ахада. Ӕз дарӕс хуыйынӕн зонд ӕмӕ арӕхстдзинад кӕмӕн радтон, уыдонӕн сеппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхс Ааронӕн дарӕс бахуыйын, цӕмӕй Аарон йӕхи снывонд кӕна Мӕнӕн ӕмӕ уа Мӕ сауджын. Саразӕнт ын мӕнӕ ахӕм дарӕс: риуылдарӕн хызын, ефод, уӕлгуыр, нывӕфтыд даргъ хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон. Сауджыны ахӕм сӕрмагонд дарӕс бахуыйӕнт де 'фсымӕр Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ уыцы дарӕсы Мӕнӕн уыдзысты лӕггадгӕнджытӕ. Дарӕс чи хуыйа, уыдон райсӕнт сыгъзӕрин хӕрдгӕбыд, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕ, виссон. Иударон ӕмӕ сӕрмагонд дарӕс сауджын Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн Цатыры лӕггад кӕнынӕн, Иударон ӕмӕ сӕрмагонд дарӕс кувӕндоны лӕггад кӕнынӕн, ӕмӕ сыгъдӕг дарӕс сауджын Ааронӕн, ӕмӕ дарӕс йӕ фырттӕн Цатыры лӕггад кӕнынӕн“». Ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕ, виссон, тинтычъи, сырх фысдзӕрмттӕ ӕмӕ тӕнӕг сӕрӕктӕ хастой Дунедарӕгӕн лӕварӕн. Ӕлвисынмӕ чи арӕхст, уыцы сылгоймӕгтӕ ӕлвыстой ӕмӕ хастой ӕрвхуыз, сырх, сӕнтсырх ӕндӕхтӕ ӕмӕ виссон.
Выбор основного перевода