Ефодӕн сараз уӕлгуыр – ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ уа ӕрвхуыз.
Сӕрыл ӕй ӕркӕнынӕн йӕ астӕу хъуамӕ уа хуынкъ. Хуынкъӕн йӕ кӕрӕттӕ, згъӕрхӕдоны кӕрӕттау, хъуамӕ уой уафт, куыд нӕ скъуыйа, афтӕ.
Йӕ фӕдджийы алыварс ын ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй сараз гранаты дыргъты хуызӕн чысыл къоритӕ; се 'хсӕн сын, фӕдджийы алыварс, ӕрцауындз сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ.
Уӕлгуыры фӕдджийы алыварс иу иннӕйы ивгӕ хъуамӕ уой сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ ӕмӕ къоритӕ.