Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Адӕмӕн ӕрхахх кӕн хохы алыварс ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕхи бахизут хохмӕ схизынӕй ӕмӕ йын суанг йӕ рӕбыныл дӕр андзӕвынӕй. Чидӕриддӕр хохыл андзӕва, уый хъуамӕ амардӕуа“. Ӕрмӕст ӕм къухӕй мачи бавналӕд, фӕлӕ йӕ амарӕнт дуртӕй кӕнӕ фатӕй; фос уа ӕви адӕймаг – удӕгасӕй ныууадзӕн ын нӕй. Адӕмӕн хохмӕ схизыны бар уыдзӕни, сыкъауадындзы уаст куы айхъуыса, уӕд». Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныххиз ӕмӕ адӕмӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй Дунедарӕджы феныны охыл ма фӕлтӕрой хохы сӕрты ӕрбахизыныл, науӕд дзы бирӕтӕ амӕлдзысты.
Выбор основного перевода