Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Моисейӕн Хуыцау загъта: «Ацы хабар зӕрдыл дарынӕн ныффысс чиныджы, ӕмӕ зӕгъ Йесойӕн: Ӕз амаликӕгтӕй зӕххыл мыггаг кӕй нал ныууадздзынӕн». Моисей ныффыста Дунедарӕджы ӕппӕт дзырдтӕ, сыстад сӕумӕйӕ, хохрӕбын сӕвӕрдта нывондхӕссӕн ӕмӕ дыууадӕс дуры – израилаг адӕмӕн сӕ мыггӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ. Хуыцау загъта: «Мӕнӕ Ӕз уемӕ аразын фидыд: ӕппӕт адӕмы раз Ӕз сараздзынӕн, ӕппӕт зӕххыл иу адӕмӕн дӕр кӕй нӕ сарӕзтӕуыд, ахӕм диссӕгтӕ. Ӕмӕ демӕ цы адӕм ис, уыдон иууылдӕр фендзысты Хуыцауы хъуыддаг; Ӕз дӕ фӕрцы цы саразон, уый сыл бафтаудзӕни Хуыцауы тас.
Выбор основного перевода