Къӕйдуртӕ Хуыцауӕй уыдысты, ӕмӕ сӕ фыстытӕ дӕр Хуыцауӕй лӕвӕрд уыдысты.
Моисей асадӕнмӕ куы ӕрбаввахс, джиппыуагъд уӕныг, стӕй адӕмы кафгӕ куы федта, уӕд къӕйдуртӕ фырмӕстӕй зӕххыл ныццавта хохрӕбын ӕмӕ ныппырх сты.
Моисей Хуыцаумӕ фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, хӕргӕ дӕр нӕ бакодта ӕмӕ дон дӕр нӕ банызта. Ӕмӕ къӕйдуртыл ныффыста фидыды (дӕс фӕдзӕхсты) дзырдтӕ.