Моисей бахызт ӕврагъы, ссыди хохмӕ, ӕмӕ хохыл арвыста дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.
Дунедарӕг Синайы хохыл Моисейимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд ӕм радта фидыды дыууӕ къӕйдуры, Хуыцауы къухӕй фыст кӕуыл уыдис, уыцы дыууӕ къӕйдуры.
Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ныллӕгъз кӕн дӕхицӕн дыууӕ къӕйдуры, фыццӕгты хуызӕн куыд уой, афтӕ. Ӕмӕ сыл Ӕз ныффысдзынӕн, ды цы къӕйдуртӕ асастай, уыдоныл цы фыст уыди, уый.