Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уӕдӕ ут ӕнаипп, уӕ Уӕларвон Фыд ӕнаипп куыд у, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй архайут уӕ уырнындзинадмӕ хорз хъуыддӕгтӕ бафтауыныл, уӕ хорз хъуыддӕгтӕм та – зонынад, Зонынджынӕй уӕлдай ут хиуылхӕцон, хиуылхӕцонӕй уӕлдай – фӕразон, фӕразонӕй уӕлдай ӕнувыд ут Хуыцауыл, Хуыцауыл ӕнувыдӕй уӕлдай узӕлут ӕфсымӕртыл, ӕфсымӕртыл узӕлынӕй уӕлдай уарзут алкӕй дӕр. Кӕд сымах уыцы миниуджытӕй хайджын стут ӕмӕ уӕм фылдӕр кӕнынц, уӕд уыдоны фӕрцы уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ базондзыстут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы. Уыцы миниуджытӕ кӕмӕ не сты, уый та у куырм ӕмӕ ницы уыны, йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг, уый дзы ферох. Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, зӕрдиагдӕрӕй архайут, Хуыцау уӕ кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ ӕрхуыдта, ууыл фидарӕй хӕцыныл. Афтӕмӕй никуы фӕкӕлдзыстут. Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы? «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Хуыцау Авраамы куы фӕлвӕрдта, уӕд Авраам, уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы нывондӕн ӕрхаста Исаакы. Кӕд ын зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, уӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Выбор основного перевода