Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн, самадта йыл сугтӕ, сбаста йӕ фырт Исаакы ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ. Авраам радардта йӕ къух ӕмӕ райста кард йӕ фырты сӕргӕвдынмӕ. Зӕд загъта: «Дӕ къух ма ӕртасӕд дӕ хъӕбулмӕ ӕмӕ йын мацы бакӕн; ныр Ӕз зонын: ды тӕрсыс Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ Мын нӕ бавгъау кодтай дӕ иунӕг хъӕбулы». Дзуапп Ын радтой: «Нӕ фыд Авраам у». Йесо сын загъта: «Сымах Авраамы цот куы уаиккат, уӕд Авраамы хъуыддӕгтӕ кӕниккат. Хуыцау Авраамы куы фӕлвӕрдта, уӕд Авраам, уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы нывондӕн ӕрхаста Исаакы. Кӕд ын зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, уӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ.
Выбор основного перевода