Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Мӕнӕн „Хицау! Хицау!" чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕстгӕнӕг бацӕудзӕн. Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не 'ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн. Уый дзуапп радта: „Нӕ мӕ фӕнды", фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрхудт йӕхиуыл ӕмӕ ацыди. Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ. Уымӕн ӕмӕ ныхас чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не 'ххӕст кӕны, уый у, кӕсӕны йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн: Федта йӕхи, иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтӕккӕ ферох, цы хуызӕн у, уый. Фӕлӕ ахӕм нӕу, сӕрибардӕттӕг ӕнаипп ӕгъдау чи иртасы ӕмӕ йыл чи хӕцы, уыцы адӕймаг. Цы хъусы, уый дзы нӕ ферох вӕййы, фӕлӕ йӕ ӕххӕст кӕны. Ахӕм адӕймаг тӕхудиаг уыдзӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уӕдӕ Ӕгъдау уырнындзинадӕй сафӕм? Ницы хуызы! Сафгӕ нӕ, фӕлӕ йӕ фидар кӕнӕм. Уыдон дзурынц, цыма Хуыцауы зонынц, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй тигъ кӕнынц сӕхи; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг дӕр саразын. Ацы ныхас ӕцӕг у. Мӕн уый фӕнды, ӕмӕ адӕмы ӕнувыдӕй ахуыр кӕнай ӕппӕт уыдӕттыл, цӕмӕй Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдон сӕхи зӕрдиагӕй хъарой хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл. Уый хорз у ӕмӕ адӕмӕн уыдзӕни пайда. Уадз ӕмӕ мах уырнджытӕ дӕр сахуыр уой, ӕххуысы сӕр кӕм хъӕуы, уым ӕнувыдӕй хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, науӕд сӕ уырнындзинад уыдзӕн ӕнӕпайда.
Выбор основного перевода