Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Тӕхудиаг сты хатыргӕнджытӕ – уыдон уыдзысты хатыргонд. Фӕлӕ уый не сразы, ацыд ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны, цалынмӕ йын йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ. Уӕд ӕм паддзах басидт ӕмӕ йын загъта: „Фыдзӕрдӕ цагъар! Ды мын балӕгъстӕ кодтай, ӕмӕ дын ӕз дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй дӕр куы ныббарстон, Уӕд дӕуӕн дӕр не 'мбӕлд, ӕви, де 'мбалӕн батӕригъӕд кӕнын, ӕз дын куыд батӕригъӕд кодтон, афтӕ?" Мӕсты паддзах ӕй радта хъизӕмарӕй марынмӕ, цалынмӕ йӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй бафида, уӕдмӕ. Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр уын афтӕ бакӕндзӕн, алчидӕр уӕ йе 'фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй куы нӕ ныббара, уӕд». Ӕмӕ сын Паддзах дзуапп ратдзӕн: „Ӕцӕг уын зӕгъын: кӕд уый ацы кӕстӕртӕй иуӕн нӕ бакодтат, уӕд ӕй Мӕнӕн нӕ бакодтат". Ӕмӕ уыдон ацӕудзысты мыггагмӕ удхар кӕнынмӕ, рӕстытӕ та – мыггагмӕйы цардмӕ».
Выбор основного перевода