Самариӕгтӕ Йӕм куы ӕрцыдысты, уӕд Ын лӕгъстӕ кодтой, куыд сӕм афӕстиат уа, афтӕ. Баззади сӕм дыууӕ боны.
Ӕмӕ Йын Йӕхимӕ куы байхъуыстой, уӕд Ыл ноджы фылдӕр адӕм баууӕндыди.
Уыцы сылгоймагӕн та дзырдтой: «Ныр дӕ ныхасӕй нал ӕууӕндӕм, фӕлӕ Йӕм нӕхӕдӕг байхъуыстам ӕмӕ зонӕм, Уый ӕцӕгӕй дунейы Ирвӕзынгӕнӕг [Чырысти] кӕй у, уый».