Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ. Савлӕн ныр дӕр ӕнӕуынон уыдысты Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ Ӕз ӕфхӕрдтон ацы фӕндагыл цӕуджыты, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сӕ ӕппӕрстон ахӕстонмӕ. Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Иерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты баппӕрстон ахӕстӕттӕм; мӕлӕты тӕрхон-иу сын куы хастой, уӕд-иу хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл. Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл. Афтӕ уӕнгӕл мын уыдысты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр. Уымӕн ӕмӕ ӕз апостолтӕн сӕ тӕккӕ къаддӕр дӕн, ӕмӕ апостолы ном хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн, Хуыцауы аргъуан кӕй ӕфхӕрдтон, уый тыххӕй. Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕгъатырӕй куыд ӕфхӕрдтон ӕмӕ йӕ фесафыныл куыд архайдтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат. Диныл фырӕнувыдӕй – Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ – ӕнӕфау рӕстгӕнӕг. Ӕз Ӕй раздӕр фаудтон, зылдтӕн Йӕ фӕдыл ӕмӕ Йӕ ӕфхӕрдтон, фӕлӕ мын ныббарстӕуыд, уымӕн ӕмӕ цы кодтон, уый не 'мбӕрстон – уыдтӕн ӕнӕуырнӕг.
Выбор основного перевода