Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл; Йӕ тухӕнты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты ӕрцыд апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл райсӕд аргъуыд, цӕмӕй уын хатыргонд уой уӕ тӕригъӕдтӕ; ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – схайджын уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй. Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахӕн хъуыстгонд цӕуы уац тӕригъӕдтӕ ныббарыны, Стӕй Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, ӕппӕт уыдӕттӕ ныххатыр кӕныны тыххӕй. Йесойы руаджы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр. Павел бацыд синагогӕмӕ; ӕртӕ мӕйы дӕргъы адӕмӕн ныфсджынӕй дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ сӕ ӕууӕндын кодта.
Выбор основного перевода