Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ныр Петры хъуыдытӕ уыдысты, цы федта, ууыл. Сыгъдӕг Уд ын загъта: «Ӕртӕ лӕджы дӕ агурынц дӕлӕ. Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕ гуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнилийы хӕдзармӕ. Уыдон иухатт Хуыцаумӕ куы куывтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕйы ӕмӕ Савлы». Ӕрмӕст мын Сыгъдӕг Уд алы сахары дӕр фӕзӕгъы, мӕнмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ахӕстон ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ. Агав нӕм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йӕ къухтӕ, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы иудейтӕ Иерусалимы мӕнӕ афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты муртатты къухтӕм».
Выбор основного перевода