Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сӕ райдыдта ахуыр кӕнын: Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр. Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы фарны уац. Йесойӕн ӕвдисӕн сты ӕппӕт пехуымпартӕ, зӕгъгӕ Йыл чидӕриддӕр баууӕнда, уымӕн Йӕ номы хъаруйӕ хатыр уыдзысты тӕригъӕдтӕ». Павел ацы хатт дӕр йӕ ахуыр нӕ фехӕлдта, бацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта. Сыгъдӕг Фыстӕй-иу сын ӕрхаста бынӕттӕ, Ӕмбарын сын сӕ кодта ӕмӕ архайдта, цӕмӕй уыцы бынӕтты руаджы баууӕндой, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид, ууыл. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ. Ӕппӕт адӕмы раз-иу йӕ тыхджын ныхасӕй басаста иудейты – Сыгъдӕг Фысты фӕрцы ӕмбарын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, уый. Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕз ӕрхастон, мӕхӕдӕг цы райстон, уыцы тӕккӕ сӕйрагдӕр: Сыгъдӕг Фысты куыд загъдӕуы, афтӕ Чырысти амарди нӕ тӕригъӕдты тыххӕй;
Выбор основного перевода