Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уырнджытӕ та ӕвдисдзысты ахӕм диссӕгтӕ: Мӕ номӕй сурдзысты дӕлимонты, дзурдзысты ног ӕвзӕгтыл, Сӕ къухтӕм исдзысты кӕлмытӕ, марг куы баназой, уӕд сын ницы уыдзӕн; рынчынтыл ӕвӕрдзысты сӕ къухтӕ, ӕмӕ-иу уыдон сдзӕбӕх уыдзысты». Семӕ фӕныхас кӕныны фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕларвмӕ, ӕмӕ ӕрбадти Хуыцауы рахиз фарс. Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ алы ран дӕр хъусын кодтой фарны уац. Хицау сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста, Йӕ фӕрцы кӕй арӕзтӕуыд, уыцы диссӕгтӕй.] Ӕмӕ Йесойыл ӕууӕндыны фӕрцы Йӕ ном сфидар кодта, сымах кӕй уынут ӕмӕ зонут, уыцы лӕджы. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ разы бынтондӕр сӕнӕниз кодта. Уӕд уеппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл лӕууы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй. Уӕд ын Павел хъӕрӕй загъта: «Слӕуу дӕ къӕхтыл». Уый уайтӕккӕ фӕгӕпп ласта ӕмӕ райдыдта цӕуын. Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел, ӕппынфӕстаг, смӕсты, акаст фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын дӕттын бардзырд: рацу дзы». Ӕмӕ дзы уайтӕккӕ рацыд.
Выбор основного перевода