Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илиа хъуамӕ ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна.
Рагзаманы сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд фехъусын кодта, афтӕ.
Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ».