Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыс ӕмӕ Йӕ райгас кодта, уымӕн ӕмӕ адзалы бон Йӕ бауромын нӕ уыд. Уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах неппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ. Уӕд уеппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл лӕууы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй. Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй фӕрцы фӕзынд, уыцы Хуыцауы бафӕндыд Йӕ бирӕ хъӕбулты намысмӕ ӕрхонын. Ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмӕртты фӕрцы Йесойы уыдонӕн скодта алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Ирвӕзынгӕнӕг.
Выбор основного перевода