Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй ракурой Вараввӕйы, Йесойы та амарын кӕной. Бӕстӕйы хицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы». «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ». Фӕлӕ алчертӕ сардыдтой адӕмы, Вараввӕйы сын рауадзыныл куыд дзурой, афтӕ. Пилат сын ногӕй загъта: «Уӕдӕ сымах иудейаг Паддзах Кӕй хонут, Уымӕн та цы бакӕнон?» Фӕлӕ адӕм сеппӕт дӕр хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!» Вараввӕйы та ахӕстонмӕ баппӕрстӕуыд, сахары цавӕрдӕр змӕст кӕй сарӕзта ӕмӕ туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Пилат адӕмимӕ ногӕй райдыдта ныхас кӕнын – фӕндыд ӕй Йесойы рауадзын. Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Гъемӕ Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». Фӕлӕ хъӕрӕй сӕ фӕнд тардтой – домдтой Йесойы байтындзын. Сӕ хъӕрӕй басастой Пилаты, Ӕмӕ Пилат хъуыддаг алыг кодта, уыдон куыд домдтой, афтӕ: Змӕсты ӕмӕ туг ныккалыны азымимӕ ахӕстонмӕ кӕй баппӕрстӕуыд ӕмӕ адӕм кӕй тыххӕй хатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта; Йесойы та сын сӕ бар бакодта. Ӕмӕ ӕцӕгӕй Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттимӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ ӕрӕмбырд сты ацы сахары, Кӕй байсӕрстай, Дӕ уыцы сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ, Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не 'фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы лӕгты. Сымах та ныр ацы Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат.
Выбор основного перевода