Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дунедарӕг ын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн дӕ фыды Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта, уымӕн ӕмӕ тарсти Хуыцаумӕ комкоммӕ бакӕсынӕй. Моисейӕн Хуыцау ноджыдӕр загъта: «Афтӕ зӕгъ израилаг адӕмӕн: „Дунедарӕг (Йахве), уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау, рарвыста мӕн сымахмӕ“. Мӕ уыцы номӕй Мӕ зондзысты мыггагмӕ, ӕмӕ сӕ зӕрдыл лӕудзынӕн фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ. „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау"? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у». Уӕд Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ радтой иудейаг бӕстӕйы хицау Пилаты къухтӕм. Мӕрдтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы нӕ бакастыстут, Хуыцау ӕм сындзкъутӕрӕй цы радзырдта, уый: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау"? Ӕмӕ сын загъта: «Сымах мӕм ӕркодтат ацы Лӕджы, цыма адӕмы халы. Ӕз уӕ разы равзӕрстон хъуыддаг, ӕмӕ ацы Лӕджы цы фыдракӕндты азымджын кӕнут, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Ирод дӕр Ӕм ницы азым ссардта ӕмӕ нӕм Ӕй раздӕхта. Гъемӕ уӕдӕ, мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ныр Ӕй фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». [Пилаты та бӕрӕгбоны тыххӕй уыдонӕн иу ахӕсты рауадзын хъуыд.] Фӕлӕ адӕм сеппӕт дӕр хъӕр систой: «Амар Ӕй! Вараввӕйы нын рауадз!» Вараввӕйы та ахӕстонмӕ баппӕрстӕуыд, сахары цавӕрдӕр змӕст кӕй сарӕзта ӕмӕ туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Пилат адӕмимӕ ногӕй райдыдта ныхас кӕнын – фӕндыд ӕй Йесойы рауадзын. Фӕлӕ уыдон хъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕтмӕ Йӕ цӕй тыххӕй рардӕуа, ахӕмӕй Йӕм ницы ссардтон. Гъемӕ Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ехсӕй, ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн». Фӕлӕ хъӕрӕй сӕ фӕнд тардтой – домдтой Йесойы байтындзын. Сӕ хъӕрӕй басастой Пилаты, Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йесо лӕвӕрд ӕрцыд сымахмӕ, ӕмӕ Йӕ муртатты къухтӕй бахуыдтат дзуармӕ ӕмӕ Йӕ амардтат. Нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта, хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы. „Ӕз дӕн дӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау". Моисей фыртӕссӕй скӕсын нӕ уӕндыди.
Выбор основного перевода