Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, мидӕгӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй. Мӕнӕ уӕ Ӕз ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ ӕрвитӕгау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлӕттау ӕнӕхин. Ӕххуырст та ахӕм нӕу, уымӕн фыстӕ йӕхи не сты; бирӕгъы ӕрцӕугӕ куы фены, уӕд ныууадзы фысты, лидзынмӕ фӕвӕййы, бирӕгъ аскъӕфы фыстӕй ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кӕны. Ӕмӕ Хуыцау уыдонӕй иуты аргъуаны сӕвӕрдта фыццаджыдӕр апостолтӕй, дыккаджы – пехуымпартӕй, уый фӕстӕ – ахуыргӕнджытӕй; дарддӕр иутӕн радта диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, низтӕй дзӕбӕх кӕныны, ӕххуыс кӕныны, разамынд дӕттыны, алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат. Кӕс лӕмбынӕг дӕ цардыуагмӕ ӕмӕ цӕуыл ахуыр кӕныс, уымӕ; афтӕ кӕн иудадзыг. Уӕд дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр. Фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы – Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.
Выбор основного перевода