Ӕз ын равдисдзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цас тухӕнтӕ хъуамӕ бавзара, уый».
Ам ссардтам ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ дзы баззадыстӕм авд боны. Уыдон, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, дзырдтой Павелӕн, цӕмӕй Иерусалиммӕ ма ацӕуа.
Агав нӕм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йӕ къухтӕ, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы иудейтӕ Иерусалимы мӕнӕ афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты муртатты къухтӕм».