Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл райсӕд аргъуыд, цӕмӕй уын хатыргонд уой уӕ тӕригъӕдтӕ; ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – схайджын уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй. Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕхи снывонд кодта Хуыцауы ныхас амонынӕн – иудейты ӕууӕндын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, ууыл. Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрцыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уыди дзуттаг). Феликс арвыста Павелы ӕрбакӕнынмӕ, ӕмӕ хъуыста, Павел Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ. Цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ рацӕуой талынгӕй рухсмӕ, хӕйрӕджы къухтӕй Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы сын барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ райсой сӕ хай".
Выбор основного перевода