Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Кӕд махӕй уыди ӕмӕ йӕм немӕ кусыны хал ӕрхауди, уӕддӕр. Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цы марут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Хицау Йесойы номы сӕраппонд Иерусалимы амӕлынмӕ дӕр». Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Павелӕй, адӕмы уынаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырыстийы фӕндӕй ӕмӕ Чырыстийы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд-Хуыцауы фӕндӕй апостолӕй кӕй сӕвӕрдӕуыд, уымӕй, Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон. Фӕлӕ Йӕ зӕрдӕвӕрд фарны уацы руаджы раргом кодта Йӕхи нысангонд ӕмгъуыды. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕнӕн баргонд у уыцы фарны уац адӕммӕ хӕссын.
Выбор основного перевода