Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо уыцы хицауы хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уадындзӕй цӕгъдджыты ӕмӕ адӕмы тыхстӕй куы федта, Уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты. Фӕлӕ йын Йесо ныххӕцыд йӕ къухыл, ӕмӕ йӕм фӕдзырдта: «Саби, рабад!» Чызгмӕ ӕрыздӕхт йӕ уд, ӕмӕ уыйадыл рабадт. Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын раттой хӕринаг. Петр сеппӕты дӕр рарвыста ӕддӕмӕ, ӕрзоныгыл ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадт. Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм, идӕдз сылгоймӕгтӕм ӕмӕ сын ӕй удӕгасӕй ӕрлӕууын кодта сӕ разы.
Выбор основного перевода