Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд Петр схайджын Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ сын загъта: «Адӕмы хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕртӕ! Куы бакуывтой, уӕд нынкъуысти, кӕм уыдысты, уыцы бынат, сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас дзырдтой ныфсджынӕй. Анани араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме 'фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Йӕхи Чи равдыста, уыцы Хицау Йесо рарвыста мӕн, цӕмӕй ракӕсай дӕ цӕстытӕй ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй». Петр уый куы дзырдта, уӕд ӕм чидӕриддӕр хъуыста, уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй. Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта. Уымӕн ӕмӕ хъуыстой, ӕндӕр ӕвзӕгтыл куыд дзырдтой ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодтой, уый. Уӕд Петр загъта: Фӕлӕ Савл, хуыдтой ма йӕ Павел дӕр, схайджын Сыгъдӕг Удӕй, ӕдзынӕг ныккаст Элимамӕ Ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты зӕрдӕрухс ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын. Павел сыл йӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдта, уӕд схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, райдыдтой ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕнын. Иуӕн – диссӕгтӕ аразыны, иннӕмӕн – пехуымпарады, иннӕмӕн – уд Хуыцауӕй у ӕви нӕ, уый зоныны, иннӕмӕн – алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны, иннӕмӕн – ӕвзӕгтӕ ӕмбарын кӕныны курдиат. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ кӕны уыциу Уд. Ӕмӕ алкӕмӕн дӕр дӕтты, куыд Ӕй фӕнды, афтӕ. Ӕгъдауы фыст у: «Ацы адӕмӕн дзурдзынӕн ӕндӕр ӕвзӕгтыл ӕмӕ ӕндӕрбӕстӕгты дзыхӕй, фӕлӕ Мӕм уӕд дӕр нӕ байхъусдзысты», – зӕгъы Хицау.
Выбор основного перевода