Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сымахмӕ, ӕфсымӕртӕ, афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдты тыххӕй фыссын ницӕмӕн хъӕуы. Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд ӕрцӕуы, Хицауы ӕрцыд дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут. Уымӕн ӕмӕ адӕм куы дзурой: «сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст ӕрцӕудзӕн сӕ адзал – аирвӕзыны амал сын нӕ уыдзӕн. Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох. Барӕджы цӕстытӕ сты пиллон артау, Йӕ сӕрыл – бирӕ кадыхудтӕ. Фыст Ыл ис, ӕрмӕстдӕр Йӕхӕдӕг кӕй зоны, ахӕм ном. Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд. Уӕларвон ӕфсад сыгъдӕг ӕмӕ уӕздан кӕттагӕй урс-урсид дарӕсы урс бӕхтыл цыди Йӕ фӕстӕ. Йӕ дзыхӕй зыны цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны къӕхтӕй дуцы Дунедарӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн. Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ синыл фыст у Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау». Ӕз федтон, хурыл чи лӕууыд, уыцы зӕды. Уӕлиӕутты цы мӕргътӕ тӕхы, уыдонмӕ сеппӕтмӕ дӕр зӕд ныхъхъӕр кодта: «Ратӕхут, ӕрӕмбырд ут Хуыцауы стыр куывдмӕ, Ӕмӕ бахӕрут паддзӕхты мӕрдтӕ, ӕфсӕддон разамонджыты мӕрдтӕ, тыхджынты мӕрдтӕ, бӕхты ӕмӕ барджыты мӕрдтӕ, ӕппӕт сӕрибар ӕмӕ цагъар, хуымӕтӕг ӕмӕ номдзыд адӕмы мӕрдтӕ». Ӕз федтон сырды ӕмӕ зӕххон паддзӕхты се 'фсӕдтимӕ. Уыдон ӕрӕмбырд сты Барӕгимӕ ӕмӕ Йе 'фсадимӕ хӕст самайынмӕ. Ӕмӕ ӕрцахстӕуыд сырды, стӕй сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыд судзгӕ сондоны цадмӕ. Иннӕтӕ та цагъды фесты, Барӕджы дзыхӕй цы цирхъ зынди, уымӕй, ӕмӕ мӕргътӕ иууылдӕр бафсӕстысты сӕ фыдӕй.
Выбор основного перевода