Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ, Иерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ номӕй фӕсидтӕуа, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ныббарстӕуа сӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕниу, ме 'фсымӕртӕ, ӕз зонын, сымах дӕр, уӕ хицӕуттау, Йесойӕн афтӕ бакодтат, цы гӕнӕг стут, уый не 'мбаргӕйӕ. Хуыцау Йеппӕт пехуымпарты дзыхӕй Йӕ Чырыстийы тухӕнты тыххӕй рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йӕ дзырд сӕххӕст кодта. Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныббарстӕуа уӕ тӕригъӕдтӕ. Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ. Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй уац куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты, ӕмӕ саргъуыдӕуыд нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр. Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма схайджын Сыгъдӕг Удӕй – ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Хицау Йесойы номыл. Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, ссар Ын Йӕ ном, аргъуыд райс ӕмӕ цӕхс дӕ тӕригъӕдтӕ".
Выбор основного перевода