Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йесо афтӕ загъта, Ууыл ӕууӕндджытӕ Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, уыцы Сыгъдӕг Уды тыххӕй. Уӕд Сыгъдӕг Уды нӕма рарвыстӕуыд, уымӕн ӕмӕ Йесойы намыс нӕма раргом. Мӕ Фыд Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах сахуыр кӕндзӕн алцӕуыл дӕр, ӕмӕ уын Ӕз цы дзырдтон, уый уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтаудзӕн. Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы – ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй рацӕуы, ӕмӕ куы ӕрцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕн Мӕн тыххӕй. Иухатт сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Иерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ. Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ. Стефан та, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, скаст уӕларвмӕ, федта Хуыцауы намыс ӕмӕ Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕйӕ, Ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ уынын арвы дуар гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ». Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.
Выбор основного перевода