Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, Адӕймаджы Фыртыл гадзрахатӕй цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг фӕлтау куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид». Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, нысангонд Ын цы фӕндаг у, ууыл. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн». Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат. Хуыцау Йеппӕт пехуымпарты дзыхӕй Йӕ Чырыстийы тухӕнты тыххӕй рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йӕ дзырд сӕххӕст кодта. Цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомысмӕ ӕмӕ Дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ рагагъоммӕ цы снысан кодтай, уый. Уый сӕвзӕрстӕуыд дуне сфӕлдисыны размӕ, ӕмӕ сымах сӕраппонд раргом рӕстӕджы кӕрон.
Выбор основного перевода